Классный час "Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут!!!"

Классный час : «Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут!!!»
Кабинеты фæлыст:
Сылгоймаджы, мады тыххæй рæсугъд ныхæстæ фыстæй, плакаттæ арфæйы
ныхæстимæ, магнитофон, музыкæ,къултыл ауыгъд сывœллœтты конд нывтœ
,сœ мадœлты сурœттœ.
Бæрæгбоны цыд.
( Хъуысы уæздан ирон музыкæ.)
Цæуынц дæ номæй
Амонд æмæ фарн,
Бæркæдтæн дæр
Сæ ратæдзæн – дæ арм.
Æнустæм дын
Кæндзысты кад,
Нæ цин, нæ фарн –
Сылгоймаг, мад!
Амонæг:
- Уæ бон хорз, нœ зынаргъ ахуырдзаутæ. Зæрдиаг арфæ уын кæнæм
фыццаджыдæр уал Ирыстоны кадджындæртæй бæрæгбон Джеоргуыбайы
фæдыл. Хуыцауы фæдзæхст ут кæддæриддæр. Уæ фидæн рухс æмæ
амодджын уæд. Уæ куысты бæркад фылдæр кæнæд! Æнæниз, æнæмастæй уæ
уарзон адæмимæ бирæ азты фæцæрут!
Ныр та сæрмагондæй цæйтыххæй æрбамбырд стæм ам, уымæ рахизæм.
Джеоргуыбайы фæстаг хуыцаубон æппæт дзыллæ дæр бæрæг кæны
ныййарæг мады бон. Мах дæр дзы нæхи нæ иуварс кæнæм. Фæдыл
сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл. Æмæ уын зæрдæбын арфæтæ кæнæм. Нæ
зæрдæ уын зæгъы уый æмæ уæ кæстæрты хуртæй куыд бафсæдат æмæ ма
бирæ азты æнæниз, æнæмастæй, зæрдæрайгæйæ æмæ амондджынæй куыд
фæцæрат, ахæм арфæ уæ уæд!
Амонæг: - Сылгоймаг!.. Мад!..Ды дæ уалдзæгау рæсугъд, царддæттæг,
хуры тынтæ уарæг!.. Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд хъуамæ ферох уой дæ бирæ
фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдаугæ цæстæнгас?!
- Цы ис зæххыл зынаргъдæр? - МАД! ( Сывœллœттœ иумœ)
Амонæг: День Матери - международный праздник в честь матерей. В этот
день принято поздравлять матерей, дарить им подарки или просто
показывать свою любовь к ним. Ведь иногда мы забываем это делать.
Зындгонд уырыссаг фыссæг М.Горький фыста: : «Æнæ сылгоймаг нæдæр
хъæбатыр ис, нæдæр поэт!»
Хуыцау, æвæццæгæн, хуымæтæджы не’схайджын кодта сылгоймаджы
æмбисонды хорз миниуджытæй. Ирон адæммæ ис ахæм таурæгъ
сылгоймаджы тыххæй. Чи зоны, исчи уæ йæ фехъуыста.
Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр, æрттиваг мæйы сонт
æнкъарддзинад, мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы
æмбисонды тæфаг. Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа, уый тыххæй ма йæм
бафтыдта ноджы уаддымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ, рувасы
хиндзинад,тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны
агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф - тулфдзинад дзургæйæ. Чысыл
ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ:
арт, зæй, æрвæрттывд, æрвнæрд, тымыгъ, тæркъæвда. Æмæ æппæт уыдæттæй
сарæзта
Амонæг:
Абон ацы чысыл бæрæгбонмæ нæ ахуырдзаутæ тынг зæрдиагæй бацæттæ
кодтой æмдзæвгæтæ, зарджытæ, кæфтытæ, инсценировкæтæ œмœ
сœм,табуафси ,байхъусут
Хурау рухсзæрдæ у мад,
Никуы зоны уый фæллад, Д. Георгий
Сты йæ хъарм къухтæ фæлмæн.
Алы бон рæвдауы мæн.
Тынг дæ уарзын,тынг, уый зон,
Райдайы дæуæй мæ бон! Г. Михаил
Райдайы дæуæй мæ фæндаг -
Дæн дæ лæггæдтæй нæртон!
Мæ мад,мæн царды рухс хъуыддæгтæн схастай,
Мæ цæрайæ æрвыстай ды дæ цард Д. Самира
Мæ къахалгъ-иу куы срыст, уæддæр мын тарстæ.
Фырмæтæй-иу куы нал ардтай бынат
Цæйбæрц зынтæ æскодтай, мад, дæхицæн,
Фæлмаст бонты дæр не стыхстис дæ уд
Цæмæй дæ фыртæн уа рæсугъд йæ фидæн. Д. Амур
Цæмæй дзы уый бæрзон хæсса йæ худ.
Дæ фæрцы абон зæрдæ цинтæй райы,
Æмæ зæххыл æппæт хæзнаты раз
Мæхицæн æз адджындæрыл нымайын Г. Кристина
Дæ фæлмæн бахудт, хъæлдзæг цæстæнгас.
Ныййарæджы нгас ис ысбарæн хурыл
тымыгътæ æмæ уазæлттæ сæтты.
Нæ хъæуы мадæй хорз цæстæнгас курын,
Йæхæдæг æй цæстуарзонæй дæтты.
Ныййараг мады цæстытæн сæ уындæй
Кæны хъæбулы зæрдæ цинтæй дзаг.
Ныййараг мады цæстытæн сæ тынтæ Г. Софа
Йæ цотæн сты кæмдæриддæр фæндаг.
Йæ цæстытæ кæд искæд бон ныййарæг
Нæ батавта, нæ барæвдыдта дæу
Уæд зон: ды йын кæй аскъуыдтай йæ зарæг
Æмæ йæ разы къул сæрæй ыслæуу.
Амонæг:
- Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн…
Сылгоймаг у хуры тынтау рæсугъд æмæ фæлмæн, сылгоймаг у фарн æмæ
амонд хæссæг… Сылгоймаг!.. Мад!.. Гыцци!..Дзыцца!..Куыд диссаг сты ацы
ныхœстœ.Адœймагœн цœуынц йœ зœрдœйы арфœй…Цас хъармдзинад œмœ
уарзондзинад дœттынц уыдон сœ хъœбултœн œмœ сœ хъœбулты –
хъœбултœн,дунейыл уыдоны аккаг ныхœстœ зын ссарœн вœййы ,цœмœй сын
раарфœ кœнай. Тœхудиаг сты уыдон œмœ сœ мадœлтœн œмœ сœ нанатœн
аккаг аргъ чи скодта,царды мидœг сœ чи сбуц кодта. Бирœ œмдзœвгтœ ис
фыст уыдоны тыххœй. Ныртœккœ дзы мах байхъусдзыстœм иумœ.
Зœххыл ис иунœг хœзна царды
Œмœ уый Мад у, мœ хур ,Мад.
Йœ рœвдыд сау дуртœм дœр хъары, Г. Тома
Фœсуры зœрдœйы фœллад.
О мад,сыгъзœрин мад, дœ хœрзтœй ,
Ды кœныс кœстœрты œнгом.
Тœхуды,зарœджы ныхœстœй
Œнусон чи скœны дœ ном.
Ныййарæджы зæрдæ, ныййарæджы арм
Бæмбæгæй фæлмæндæр, зæрин хурау – хъарм.
Ныфсы мæсыг цотæн – йæ зондджын ныхас, Б. Георгий
Рæвдауы кæстæры йæ цæстыты ’нгас.
Бирœ фœрœвдыдтай,уœ,гыцци,мœн,
Арœх-иу аргъœуттœ кодтай мœнœн.
Хъарм-иу мœ бамбœрзтай,
Хур мœ хуыдтай.
"Ахуысс мын ,айрœз мын!"- К. Алина
Заргœ дзырдтай.
Буцœй дœ хъœбысы схастон мœ рœз.
Ракœс –ма, абон дын скъоладзау дœн.
Уарзын мœ чингуытœ ,уарзын мœ хъœу,
Уарзын Фыдыбœстœ,уарзын œз дœу.
Куыд хорз у, -
Ныййарæг йæ хъæбулты цинæй
Куы вæййы æгæрон æфсæст:
Йæ фæндиаг куы рæзынц
Рæсугъд æмæ буцæй, П. Тимур
Сæ уындæй æфсæды йæ цæст.
Куыд хорз у, -
Ысхæссæг зæронд фыд сæ номæй
Куы ракæны барджын ныхас:
Куы дзы байрох вæййынц ДАНИК
Йæ дудгæ рыст бонтæ,
Бынтондæр куы’ рсысы йæ маст.
Амонæг: - Мад… Ацы фæлмæн, алæмæттаг дзырд фехъусгæйæ , алы кары
адæймаджы цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг мад, йæхи уарзон
схъомылгæнæг…
Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, зондамæнæг, хур æмæ цæсты рухс .
Амонæг:- Сызгъæрин фестай, Мад! Куыд адджын сты дæ фæлмæн ныхæстæ,
дæ къухты хъарм, дæ рæвдыд цæстæнгас!.. Куыд зынаргъ æмæ кадджын у дæ
ном!.. Куыд æнæнымæц сты дæ хæрзтæ, дæ фыдæбон!
- … Раджы кæддæр иу лæппу бауарзта саурæсугъды. Чызг ын хъазгæйæ
загъта, зæгъгæ, мын кæд дæ мады зæрдæ æрбахæссай, уæд дын
бакомдзынæн… Лæппу ацыд, йæ мады зæрдæ скъахта æмæ тагъд – тагъд
фезгъоры йæ уарзонмæ. Фæндагыл йæ къах дурыл скъуырдта æмæ фæкалд.
Мады зæрдæ фесхъиудта æмæ афарста йæ хъæбулы: «Дæ къах тынг
ныццавтай, мæ хъæбул?»
Мады зарæг.
Бæрæгбон йæ рады,
Ралæууыд фæрнæй.
Цас уарзын мæ мады
Уый зæгъæн дæр нæй.
Базард:
Хурау уа йæ зæрдæ,
Райдзаст æмæ рухс.
Афтæмæй фæцæра
Махима анус
Æз хæссын лæварæн,
Дидинджыты баст.
Уадз æмæ мæ мадæн
Хурау уа йæ каст.
Амонæг:
- Ирон адœммœ ис ахæм æмбисонд: «Мады лæггад никуыма ничи бафыста.»
œвœццœгœн уый раст у! Фæлæ нœ алкœйы хæс дæр у, цæмæй нœ хорз
хъуыддæгтæй, не’гъдау æмæ кадæй мады зæрдæмæ уарзондзинад æмæ амонд
хæссœм, цæмæй ныййарæг уа сæрыстыр æмæ зæрдæрухс йæ хъæбулæй .
Амонæг:
- Ирон Мад!... Ирон сылгоймаг!.. Цæй кадджын æмæ хъæбатыр дæ?! Цæй
фæразон æмæ фидар дæ! Æвæццæгæн, уымæн бафæрæзтай, ирон сылгоймаг,
ахæм зын æмæ уæззау фæндæгтыл рацæуын… Æмæ нæ фæцудыдтœ. Дæ кады
ном айхъуыст æнæхъæн дунейыл…
Цыфæнды зын уавæры дæр ирон сылгоймаг йæ уæздан ном никуы фæчъизи
кодта, йæ сæрмæ æгаддзинад никуы æрхаста æмæ йæ кæстæрты дæр ахуыр
кодта ирон æгъдау æмæ кадыл.
Кафт
Амонæг:
- Куыд нæ хъуамæ æрымысæм мах абон Ирыстоны хæстрыстзæрдæ мадæлты
рухс ном?!.. Цал æмæ цал ныййарæджы скоддтой сæ уæлæ саутæ? Цал æмæ
цал мадæн нал раздæхт йæ фырт хæсты быдырæй? Фыдыбæстæйы Стыр
хæсты
фæмард: 2 хæдзарæй – æвдгай фырттæ, 7 хæдзарæй – æхсæзгай фырттæ, 26
хæдзарæй – фæндзгай фырттæ, 92 хæдзарæй – цыппæргай фырттæ, 100
хæдзарæй – æртыгай фырттæ…
Амонæг:
- Куыд нæ у æнусон кады аккаг Хъалæгаты фондз æфсымæры мад, кæцы
æфсымæрон ингæны уæлхъус загъта фидарæй: « Æз радтон мæ фондз фырты
Райгуырæны сæраппонд, æхсæзæм ма мын куы уыдаид, уæд уый дæр нæ
бавгъау кодтаин…»
Амонæг:
- Гæздæнты авд æфсымæры мад!.. Фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг, фæлæ фидар
æмæ хъæбатыр мад. Æнæ цæстысыгæй рæвдауы мад йæ сæфт хъæбулты,
хæст ын сæ « иугай фæци давд…»Ныр сын дауы йæ уырзтæй сæ
цухъхъатæ… Ныддур ис мады зæрдæ, нал æм ис цæссыг… Нæ хъустыл
ауайынц йæ судзæггаг ныхæстæ: Мæ зæрдæйы – авд нæмыджы…авд
фыдæхы… авд хъарæджы… авд
Амонæг: - Стыр кадджын Хуыцау макуыуал æруадзæд фыдбылыз
Ирыстоныл дæр æмæ æппæт зæххы къорийыл дæр! Кæстæртæ цъæх, сабыр
арвы бын амондджынæй куыд хъомыл кæной сæ ныййарджыты фæндиаг,
ахæм арфæ нæ уæд! Абон у стыр бæрæгбон æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ изæр
дарддæр ацæуа хъæлдзæгдæр.
Сылгоймаг æппæты фыццаг у Мад. Мадæлтыл фыст æрцыдысты æппæты
хуыздæр æмдзæвгæтæ, мадæлтыл азарыдысты æпппæты хуыздæр
зарджытæ…
Амонæг:
- Нæ бæрæгбон æрхæццæ кæронмæ. Иу хатт ма зæрдиаг арфæтæ кæнæм
æппæт сылгоймæгтæн дæр. Хуыцау уын стыр æнæниздзинад балæвар кœнœд.
Бирæ азты ма хъæлдзæгæй æмæ амондджынæй куыд фæцæрат, ахæм амонд
уын Хуыцау раттæд!
2 аг амонæг: - Кæронбæттæны ма мæ фæнды бакæсын ахæм рæнхъытæ:
Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.
Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.
Мады рæвдыдæй ут уе’ ппæт дæр’ фсæст,
Мад нын æнусон цырагъ у!
( Хъуысы зарæг « Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут». )