Конспект "Фæлхат. Грамматикон хъæзтытæ"

Темæ Фæлхат. Грамматикон хъæзтытæ.
Урочы нысан: - ахуырдзаутæн бамбарын кæнын æвзаг хъуыдыкæнынады,
зонды райрæзты сæйрагдæр хотых кæй у;
- сбæрæг кæнын ахуырдзауты зонындзинæдтæ;
- бакусын ахуырдзауты эрудицийы рæзтыл, уæлæмхасæн
æрмæгæй спайдагæнгæйæ;
- бакусын ныхасы рæзтыл.
Урочы æрмæг: - фæйнæг, нывтæ, ребустæ, карточкæтæ текстимæ.
Урочы цыд:
1. Орг. хай
2. Грамматикон хъæзтытæй пайдагæнгæйæ сбæрæг кæнæм нæ
зонындзинæдтæ. Сæххæст кæнын нæ хъæуы алыхуызон хæслæвæрдтæ.
1. Дзырдуатон диктант. (фыссæм дыууæрдæмдæр бакæсæн кæмæн ис, ахæм
дзырдтæ æмæ сæ тæлмац кæнын)
Хид, сыф, ныр, нæхи, сæр, рус.
2. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм алфавит.
(цал дамгъæйы ис уырыссаг алфавиты, ирон алфавиты?)
Нымæцтæ баивын дамгьæтæй.
а) 30,10,26,2,5,16,1,26,39 17,21,25,26,1
дзырд бакæсын, чи у?
б) 14,24,21,20 29,2,20,7,39,24
цæй ном у,чи у йæ автор?
в) 1,3,1,15,26,39 4,1,25,21
чи у?
3. Куыд зонæм фразеологизмтæ, синонимтæ:
фразеологизмтæ баивын синонимтæй
авд хохы фæстæ дард (далеко)
йæ фæрсчъытæ йын банымайын фæнæмын (избить)
зæххы скъуыды ныххауын фесæфын (исчезнуть)
йæ фындз æруагъта æрæнкъард (опечалиться)
зæрдæ æлхæнын хорздзинад скæнын годить)
йæ фындзы бын хæстæг (близко)
сæр бæрзæндты хæссын хъал уæвын (гордиться)
дзыхыл хæцын нæ дзурын (молчать)
дзырд дæттын баууæндын кæнын йæхиуыл (обещать)
йæ цæстытæ йын байгом кодта æцæгдзинад йын загъта (сказал правду)
4. Нывты цы фразеологон дзырдбæстытæ ис æмбæхст, бамбарын сæ кæнын
йæ зæрдæ фæцъæх
сызгъæрин къухтæ
даргъ æвзаг (цыргъ æвзаг)
сæрыл сбадын
5. Базонын кроссворды цавæр дзырд ис æмбæхст 1
1) иу суткæ (бон) 2
2) хиæхсæн предмет (сапон) 3
3) æхцайы бæрц (сом)
4)ныййарæг (мад) 4
5) адæймаджы цæрæнбынат (хæдзар) 5
6) Къостайы райгуырæн хъæу (Нар)
6
Цы у номдар?
6. Ног дзырдтæ саразын
н ы г у ы л æ н ф а р с æ р д ы г æ й
7. Куыд зонут ирон хъæуты нæмттæ æмæ æмбисæндтæ. Ребустæ базонын.
Бирæгъзæнг, Хæтæлдон, Фиййагдон.
Халон халоны цæст нæ къахы.
Уасаг гæды мыст нæ ахсы.
Гæдыйы къах цыбыр у.
8. Кæсын текст «Скифты лæвæрттæ Дарийæн», тæлмац æй кæнын.
Фæрстытæн дзуапп дæттын.
1) Цавæр лæвæрттæ барвыста скифты паддзах Даримæ?
2) Куыд сæ бамбæрста Дари?
3) Цы бæрæг кодтой æцæгæй та уыцы лæвæрттæ?
Скифæгты лæвæрттæ Дарийæн.
Куыд зонæм, афтæмæй нæ рагфыдæлтæ - скифæгтæ – уыдысты тынг
хъаруджын хæстонтæ. Иу рæстæджы уыдон сæ æнæкæрон тыгъд быдырты
хæцыдысты персайнаг паддзах Дариимæ. Персайнаг паддзахад незаманты
нымад уыдис тæккæ тыхджындæр паддзахадтæй иуыл. Дари скифæгты
зæхмæ æрбакодта бирæ æфсад, фæлæ бонæй-бонмæ йæ хæстонтæ
къаддæрæй-къаддæр кодтой, карз хæстæн та кæрон нæ уыдис.
Скифæгты паддзах Иданфирс арвыста персайнæгтæн ахæм лæвæрттæ:
цъиу, мыст, хæфс æмæ фондз фаты. Персайнæгтæ райстой лæвæрттæ, фæлæ
цы нысан кæнынц, уый нæ бамбæрстой. Дари æрæмбырд кодта æппæтæй
зонынджындæр лæгты æмæ сын загъта:
Æвæццæгæн æмæ скифæгтæ сæхæдæг сæхи дæттынц нæ къухмæ.
Уæд персайнаг зонынджын лæг Гобри рацыдис размæ æмæ бамбарын
кодта скифæгты лæвæртты нысаниуæг:
Песайнæгтæ, цъиутау куы нæ атæхат уæларвмæ, мыстытау уæхи куы нæ
бамбæхсат хуынчъыты, хæфсытау куы нæ ныггæппытæ кæнат цъымарамæ,
уæд уæ ацы фаттæ ныццæгъддзысты.
н
о
м
д
а
р
Цалдæр боны фæстæ знæгтæ кæрæдзийы ныхмæ куы æрлæууыдысты
хæсты быдыры, уæд æвиппайды скифæгты рæнхъыты азгъордта тæрхъус,
æмæ йæ скифаг хæстонтæ фæсте асырдтой. Бæстæ хъæр-хъæлæба сси.
Персайнаг паддзах куы базыдта, цæуыл хъæр кæнынц йе знæгтæ, уæд
бамбæрста, скифæгтæ мæлæт кæй ницæмæ дарынц, уый. Дари фæдзырдта йæ
хæстон сæргълæуджытæм æмæ сын загъта:
Ардыгæй тагъддæр лидзын хъæуы нæ хæдзæрттæм.
Æхсæвы Дарийы хæстонтæ сыстадысты æмæ сусæгæй фæраст сты сæ
бæстæмæ.
9. Кæсын Чеджемты Æхсары æмдзæвгæ
Мадæлон æвзаг
Цы рæстæг базыдтон æдæрсгæ
Иронау чиныджы кæсын,
Уæдæй нырмæ рæсугъд нывæстæй
Мæ риуы царды цин хæссын.
Къостайы тугæй фыст ныхæсты
Æз федтон ивгъуыд дуджы уаг.
Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты,
Нæ ирон мадæлон æвзаг!
Автор йæ мадæлон æвзаг уарзы?
3. Дзырдуатон куыст
нысан значение
ныййарæг родитель
арвитын – отправить, послать
асурын – погнаться, прогнать
аххос причина, вина
æфсад – войско, армия
зонынджын – мудрый, вещий
куырыхон лæг мудрец
карз – суровый, жестокий
лæвар – подарок, даром
ныццæгъдын – истребить, уничтожить
фат – стрела
хæцын воевать, держать, бранить, кусать
хъæлæба – шум, спор, возня
цъымара – болото, лужа, топь
4. Х/к фæлхат
5. Хатдзæгтæ: цы куыстам абон, чи куыд куыста?