Конспект урока "Мивдисæджы растфыссынад" 4 класс
Урочы темæ . Мивдисæджы растфыссынад.
Урочы нысан. Скъоладзаутœ мивдисœджы тыххœй цы œрмœг базыдтой,
уый бафидар кœнын.
Ахуыр кœнын хъуыдытœ раст дзурын, хатдзœгтœ кœнын,
сœ дзырдуат сын хъœздыгдœр кœнын.
Скъоладзаутæн æмбарын кæнын, адæмы, хицæн
адæймаджы царды вазыгджын удварнон æмбарынадæн,
хæлардзинадæн стыр бынат кæй ис царды, уый.
Урочы цыд.
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
1. Мотивацион уавæр.
Ахуыргæнæг (стъолыл къопп æвæрд):
- мæнæ ай-та цы у? Сымахæй йæ исчи æрбæхаста? Фенæм-ма, цы ис йæ хуылфы.
( сисын дурын æмæ кусыфтæг, фыстæг).
- Чи сты ацы хæлæрттæ? Цавæр аргъауæй сты? (куысыфтæг æмæ дурын)
- Хъуыды-ма кæнут, цæй тыххæй у ацы аргъау? (хæлардзинады тыххæй, хæларæн
хъæуы æххуысс кæнын)
- Мæнæ-ма фыстæгмæ дæр æркæсæм. Æрбарвыстой нæм æй 4Б къласы
ахуырдзаутæ.
Хæслæвæрд 1. Тексты нæ фаг кæны дзырдтæ. Сæвæрæм ма сæ. (Райуарын
скъоладзаутæн). Сæвæрын цухгонд дзырдтæ.
Ахуыргæнæг. – Цы дзырдтæ дзы бавæрдтат, уыдонмæ иумæйагæй цы ис?( сты
мивдисджытæ).
Ахуыргæнæг. – Уæдæ абон нæ урочы темæ дæр у мивдисæг. Нæ урочы хæс у, нæ
зæрдыл æрлæууын кæнын, мивдисæгæй цы базыдтам, уый.
2. Ахуыргæнæг. – Байгом кæнут уæ тетрæдтæ æмæ ныффыссут абоны нымæц.
1) Мм- ныффысын иу рæнхъ.
2) Мивдисæг –ныффысын иу рæнхъ
Ахуыргæнæг. Цымæ цы нысан кæны ацы дзырд йæхæдæг? Куыд арæзт у?
Адих-ма йæ кæнæм. Равзарæм-ма йæ дзырды хæйттæм гæсгæ: Ми- вдис-æг (æвдисы
ми , архайд).
Фарст - Цы зонут мивдисæджы тыххæй?
- Мивдисæг у ахæм ныхасы хай, кæцы æвдисы предметы архайд.
- Мивдисæгæн ис 2 нымæцы ( иууон, бирæуон)
- Мивдисæгæн ис 3 цæсгомы (1-аг, 2-аг, 3-аг)
- Мивдисæгæн ис 3 афоны ( нырыккон, ивгъуыд. суинаг)
2. Ахуыргæнæг. - Теори хорз зонут. Уæдæ уæ бафæлварон куысты мидæг.
Хæс. Иухат-ма æркæсæм, нæ хæслæвæрдмæ. Цуцухгонд мивдисджытæ дзы
бавæрдтат, уыдонæн сбæрæг кæнæм сæ нымæц, цæсгом, афон. Сæ растфыссынадыл
æрдзурын.
Фæйнæгыл: Цардысты, бацыди, загъта, аласа, тæрсын ,æххуыс кæндзынæн,
араст сты.
Фарст. Иухатт-ма æрлæууын кæнын нæ зæрдыл аргъауы мидис, сымахæй
искуы искæмæн баххуыс кодта? Радзурут-ма афтид мивдисджытæй.
3. Физминуткæ.
4. Хибарæй куыст. Ныр та бакусдзыстæм къæйттæй. Бæрæггæнæнтæ дæр
райсдзыстут къæйттæй.
- райуарын карточкæтæ, бацамонын хæслæвæрд.
- равзарын карточкæты дзуæппытæ.
Фарст. Зæгъут-ма, карточкæтыл кусгæйæ уæ кæрæдзийæн куыд æххуыс кодтат?
5. Фарст. Хайыгтæ нæ æмæ нал мивдисджытимæ куыд фыссæм?(хицæнæй : нал
цæуын, нæ хъазын)
6. Чиныгимæ куыст. 262-æм фæлтæрæн.
II. Кæронбæттæн.
1. - цæуыл дзырдтам абон нæ урочы? ( фæйнæгыл таблитæм гæсгæ)
Ахуыргæнæг- - Сывæллæттæ, мах абон урочы дзырдтам мивдисæджы
тыххæй, сфæлхат кодтам æппæт рацыд æрмæг.
Мæн фæнды, цæмæй кæрæдзиимæ цæрат хæларæй, уæ кæрæдзийæн æххуыс
кæнат.
2. Урочы кæрон ма мæ фæнды , цæмæй уæ зæрдыл æрæууын кæнат, цавæр
бæрæгбон уыд знон?
- цавæр мивдисджытæй спада кæнынц, сæ æнкъарæнтæ æвдисгæйæ?
Ныффысæм-ма сæ мæнæ ацы зæрдæтыл.
3. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын. (Фæйнæгыл ауындзынц смайликтæ)
III. Хæдзармæ куыст . 263 фæлтæрæн.
Хæслæвæрд 1
КУЫСЫФТÆГ ÆМÆ ДУРЫН.
Раджыма-раджыма …, уыдысты дыууæ хæлары — Куысыфтæг æмæ
Дурын. Иу хатт Куысыфтæг…Дурынмæ æмæ йын …:
— Мæ хæлар Дурын, иу ран бадгæйæ схъуына уыдзыстæм, цом
бæстæтыл ахæтæм.
— Нæй гæнæн, Куысыфтæг, — нæ фæндагыл стыр цæугæдон ис,
ноджы ныр йæ ивылыны рæстæг у, æмæ мæ дон йæ бынмæ куы …,
уымæй….
— Ма тæрс, мæ хæлар, æз дын… .
Дурын фæныфсджын ис, æмæ дыууæ хæлары араст сты сæ фæндагыл.
Дзырдтæй спайда кæнын: тæрсын, загъта, æххуыс кæндзынæн,
цардысты, бацыди, аласа.
Хæсæвæрд. Лæвæрд мивдисджытæ раивут цæсгæмттæм æмæ нымæцтæм гæсгæ.
(бæттын ,лидзын,хæцын,кæрдын,бадын ).
1-аг цæсгом
Иууон нымæц
Бирæон нымæц
Нырыккон
афон
Ивгъуыд
афон
Суинаг афон
Хæслæвæрд. Лæвæрд мивдисджытæ раивут цæсгæмттæм æмæ нымæцтæм гæсгæ.
(мæрзын ,зæгъын,æрвитын ,кæсын,фыссын)
2-аг цæсгом
Иууон нымæц
Бирæон нымæц
Нырыккон
афон
Ивгъуыд
афон
Суинаг афон
Хæслæвæрд. Лæвæрд мивдисджытæ раивут цæсгæмттæм æмæ нымæцтæм гæсгæ.
(сидын, хынцын , уидзын ,сæттын ,рувын).
3-аг цæсгом
Иууон нымæц
Бирæон нымæц
Нырыккон
афон
Ивгъуыд
афон
Суинаг афон
Начальная школа - еще материалы к урокам:
- II диагностическое обследование (конец II четверти) 1 класс Программа «Начальная школа XXI века»
- Стартовая диагностика 1 класс Программа «Начальная школа XXI века»
- Метапредметные ситуации на уроках в начальной школе
- Итоговое диагностическое обследование (конец года) 1 класс Программа «Начальная школа XXI века»
- Логопедические задания на лето для учащихся 1 класса
- Технологическая карта открытого урока "Прощание с Азбукой. Проверим свои знания" 1 класс УМК «Школа России»