Программæ фæсурокти нихаси ирæзти кустæн райдайæн кълæсти

Программæ
фæсурокти нихаси ирæзти кустæн
райдайæн кълæсти
Программæ исаразта Химилонти - Гобети Аз
ӕ
Чиколай гъæуи 3 –аг скъолай райдайæн кълæсти
ахургæнæг
Лæдæрунгæнæн финстæг
Алкæмæн æма алцæмæн дæр ес бундор. Адæмихаттæн дæр ес бундор.
Еци бундор æй маддæлон æвзаг. Маддæлон æвзаги хæццæ баст æнцæ
адæмихæттитæ, адæмихæттити ΄гъдæуттæ, сæ истории, сæ нур æма се сон.
Маддæлон æвзаг ку фесæфуй, уæд фесæфуй адæмихатт, фесæфунцæ
фиддæлтикон æгъдæуттæ, культурæ, литерæтурæ. Нецибал байзайуй
адæмихаттæй. Ка байзайуй адæмихаттæй, етæ фесæфунцæ, исхæлæмулæ
унцæ иннæ адæмихæттити ΄хсæн. Æрмæст кæми æма кæци фæнди адæми
хæццæ цийфæнди лимæнæй ку цæронцæ, уæддæр нимад уодзæнæнцæ
адæгонбæл. Уотæ ΄й царди æцæг, æнæййевгæ закъон.
Мах Ирæ æма Дигорæ ан еу наци. Еу æнцæ не ΄гъдæуттæ ,еу æй нæ
истории, нæ кадæ æма не гадæ, нæ цийнæ æма нæ зин, махæн ес еу бундор,
ан еу арти дууех, еу тог, еу ΄стæг ан.
Нæ национ ΄взаг ирæзуй дууæ литерæтурон æвзагебæл: ирон литерæтурон
æвзаг æма дигорон литерæтурон ΄взагбæл. Фæстаг æнзти ирон – дигорон
æвзаг æма литерæтурæ ахур кæнуни предметтæ не ΄скъолати, уæлдайдæр
ба райдайæн кълæсти берæ фæхуæздæр æнцæ. Фагæ æргом сæмæ
раздахтонцæ нæ ахуради министрадæ, нæ республики хецауадæ.
Маддæлон æвзаг цæмæй ирæза æма федар кæна скъолати, уой туххæй
арæзт æрцудæй нæуæг ахургæнæн киунугутæ нуриккон наукити
бундортæбæл, ПФАС - и домæнтæмæ гæсгæ, фæззиндтæнцæ фæсурокти
кæсуни киунугитæ дæр. Финсгутæ дæр фулдæр финсун райдæдтонцæ
сабийтæн куд иронау, уотæ дигоронау дæр.
Ахуради нæуæг стандартти домæнтæмæ гæсгæ гъæуама Уæрæсей цæрæг
алли адæми хатт дæр æ маддæлон æвзаги ирæзт æма кадæбæл коса. Аци
фарста æй бæрнон æма ахсгиаг.
Ахурадон – гъомбæладон куст скъолати уотæ аразун гъæуй, цæмæй нæ
сувæллæнттæмæ уа нæхе национ - алайнаг зунд æма гъомбæладæ.
Райдайæн скъолай сабийтæн æвæрд цæуй бундор алливæрсуг ирæзтæн.
Уой туххæй ахургæнæг гъæуама нуриккон мадзæлттæй пайда кæна, кæцитæ
æнхус кæнунцæ сабийти метдуйне раргом кæнунæн, бундорон
зонундзийнæдтæ раттунæн. Алли ΄гъдауæй дæр райдайæн кълæсти
ахургæнæг архайа, цæмæй сувæллон æ мади, æ фиди ΄взаг, æ адæми æвзаг
базона æма бауарза æма ибæл гъуди кæнун, æ гъудитæ фæндон дзорун
арæхса, дзæбæх кæсун базона, каллиграфион æма грамматикон æгъдауæй
раст æма рæсугъд финса.
Программæ арæзт æй нæуæг паддзахадон федералон
ахурадон стандартти (ПФАС - и) домæнтæмæ гæсгæ æма æ
размæ æвæруй мæнæ ауæхæн нисæнттæ æма ихæстæ:
1. Маддæлон æвзаг ахур кæнунмæ турнундзийнадæ ирæзун кæнун.
2. Скъоладзаути ахур кæнун дзоруни культурæбæл, логикон ΄гъдауæй æма
æвзаги домæнтæмæ гæсгæ раст куд дзоронцæ.
3. Æмдзæвгитæ дигоронау, иронау зæрдивæрдæй ахур кæнун æма сæ раст
дзорун.
4. Лексикон дзурдуат гъæздуг кæнун.
5. Таурæгътæ, аргъæуттæ, хабæртти гъуди цубурæй дзорун зонун.
6. Райгурæн бæстæмæ, фæллойнæмæ, æрдзæмæ уарзондзийнадæ ирæзун
кæнун.
7. Нæ сабийти уодти уадзун нæхе национ зунд æма гъомбæладæ
ахургæнæн æрмæгæй пайдагæнгæй.
Аци Программи ес тематикон пълан. Тематикон пълан арæзт æй
программи домæнтæмæ гæсгæ æма æнгом баст æй ахури фарстати хæццæ.
Урокти æрмæг урухдæр æма парахатдæр кæнуй ахургæнæги æвналæнтæ.
Æдеугурæй фæсурокти нихаси ирæзтæн лæвæрд цæуй 34 сахатти
(къуæре 1 сахат).
Программи ма ес райдайæн кълæстæ фæууогæй ахурдзаутæ ци
арæхсдзийнæдтæ гъæуама райсонцæ, уони номхигъд æма литерæтурæ.
Программи медес:
I –аг темæ: «Адæмон дзоргæ исфæлдистадæ – адæми хæзна»
(7сах.)
1. Адæмон дзоргæ исфæлдистади хузтæ:
а) аргъæуттæ, тауæрæхътæ (2сах);
б) зартæ, æмбесæндтæ, бацеутæ, тагъддзоруйнæгтæ (2сах.);
в) адæмон гъæзтитæ (1 сах.).
2. Нарти кадæнгитæ (2сах.):
кадæнгити сæйраг архайгутæ æма сæ хуæздæр менеугутæ.
II –аг темæ: « Райгурæн бæстæ» (6сах).
1. Ци æй Райгурæн бæстæ? (1сах.).
2. Нæ Иристон æма æ сæйраг горæт Дзæуæгигъæу. (1сах.)
3. Нæ Иристон Цæгат Иристон – Аланий æвдесæндартæ: гимн, герб,
туруса (1сах).
4. Нæ устур Райгурæн бæстæ Уæрæсе æма æ сæйраг горæт Мæску (1сах.).
5. Кæмæй æй сæрустур Иристон? (1сах.).
6. Чикола – мæ минкъий Райгурæн бæстæ (1сах).
III аг темæ «Адæймаг, цæрæгойтæ æма æрдзæ» (7сах.)
1. Адæймаг æма æрдзæ (1сах.)
2. Иристони хуæнхтæ, кæмттæ æма цæугæдæнттæ (1сах.).
3. Иристони цæрæгойтæ (1 сах.).
4. Циуавæр бæлæстæ, гагадиргътæ æма деденгутæ ирæзуй нæ
цæрæнбунати? (1сах.)
5. Нæ базургин лимæнтæ (1сах.).
6. Афæдзи афæнттæ (1сах.).
IY аг темæ: « Адæймаг е 'гъдауæй федауй» (3сах.).
1. Зонæ фиддæлти 'гъдæуттæ (2сах).
2. Сувæллæнттæ, нæ Райгурæн бæсти аккаг уотæ! (1 сах.).
Y аг темæ « Нуриккон финсгутæ сабийтæн» (5сах).
1. Будайти Милуся «Сауæдонæ», « Бабай аргъæуттæ» (2сах.)
2. Бабочити Руслани исфæлдистадæ(1сах.).
3. Колити Витали «Зæрддагонтæ» æма Хохойти Энвер «Сабийти бæстæ»
(1сах.).
4. Сабайти Сулейман «Цийнитæ» (1 сах.).
5. Кæсæн журналтæ «Ногдзау», «Ирæф», «Мах дуг»; газеттæ «Дигорæ»,
«Ирæф», Дигори хабæрттæ» æма «Рæстдзинад» (1сах.).
YI аг темæ «Ирон дигорон литератури бундорæвæргутæ»
(3сах.).
1. Хетæгкати Къоста æма сувæллæнттæ (1сах.)
2. Малити Геуæрги – дигорон литератури бундорæвæрæг (1сах.)
3. Х. Къоста æма М. Геуæрги æмдзæвгити конкурсон кæститæ æма
равдиститæ (1сах.)
YII аг темæ «Райгурæн бæстæ гъæуай кæнун» (3сах.).
1. Гасанти æнсувæртæ (1сах.)
2. Иристони бæгъатæр фурттæ (2сах.)
Тематикон пълан
Урокки темæ
Равзаруйнаг
фарстатæ
Уæлæмхасæн
æрмæг
Сах.
Нимæдзæ
I.
Адæмон дзоргæ
исфæлдистадæ
адæмон хæзна
(7сах.)
1. Адæмон дзоргæ
исфæлдистади
хузтæ æма сæ
ахадундзийнадæ
нæ царди:
а) аргъæуттæ,
тауæрæхътæ;
б)
зартæ,æмбесæнд-
тæ, тагъд-
дзоруйнæгтæ,
бацеутæ;
в) адæмон
гъæзтитæ.
2.Нарти кадæнгитæ:
а)кадæнгити сæйраг
архайгутæ æма сæ
хуæздæр
менеугутæ.
Бацеу – бацеутæ,
тагъддзоруй -
нæгтæ исахур
кæнун
зæрдивæрдæй.
Адæмон гъæзтити
ахадундзий- надæ
сабийти
гъомбæлади.
Нуриккон царди
хæццæ сæ бæттун,
исахур кæнун еу
цалдæр гъазти.
Тугъанти М.
«Нарти кувд»
(хузти равдист).
Нарти æртæ
сæйрагдæр
муггаги:
Æхсæртæггатæ,Бор
атæ, Алæгатæ.
2сах.
2сах.
1сах.
2сах.
II.
Райгурæн
бæстæ
(6сах.)
1.Ци æй Райгурæн
бæстæ?
2.Нæ Иристон æма
æ сайраг горæт
Дзæуæгигъæу.
3.Нæ Иристон Цæгат
Иристон Аланий
Презентаций
проект
«Мæ Райгурæн
бæстæ».
Исаразун темæмæ
гæсгæ радзурд
презентацибæл
æнцойнæгæн-
гæй.
Байгъосун нæ
Иристони сæйраг
«Зар» -мæ(гимн).
1сах.
1сах.
1сах.
æвдесæндартæ:
гимн, герб, туруса.
4.Нæ устур
Райгурæн бæстæ
Уæрæсе æма æ
сæйраг горæт
Мæску.
5.Кæмæй æй
сæрустур Иристон?
6. Чикола – мæ
минкъий Райгурæн
бæстæ.
Практикон куст:
исаразун
гæгъæдийæй нæ
Иристони турусай
макет.
Презентаций
проект «Уæрæсе –
мæ устур Райгурæн
бæстæ»
Сувæллæнтти
сæ карæмæ гæсгæ
базонгæ кæнун
Иристони номдзуд
адæми скъухтдзий-
нæдти хæццæ.
Исахур кæнун
зæрдивæрдæй
Бабочити Руслан
æма Кертанти
Тъæхири
æмдзæвгитæй
темæмæ гæсгæ.
«Нæ гъæу Чикола»
- исаразун
радзурд,ниффин-
сун сочинени.
(Презентаций
проект)
1сах.
1сах.
1сах.
III.
Адæймаг,
цæрæ-
гойтæ æма
æрдзæ
(6сах.).
1.Адæймаг æма
æрдзæ.
2.Иристони
хуæнхтæ, кæмттæ
Экологон
проблемити
туххæй æрдзорун
презентаций
проектæй
пайдагæнгæй.
Зонун нæ
Иристони хуæнхтæ
æма сæйрагдæр
1сах.
1сах.
æма цæугæдæнттæ.
3.Иристони
цæрæгойтæ.
4.Циуавæр
бæлæстæ,гагадиргъ
-
тæ æма деденгутæ
ирæзуй нæ
цæрæнбунати?
5.Нæ базургин
лимæнтæ.
къанæутти
нæмттæ.
Исахур кæнун
скъуддзаг Малити
Г. æмдзæвгæ
«Дзирасгæ» -й.
Бацеу – бацеутæ,
кроссвордтæ,
æмдзæвгитæ,
аргъæуттæ
темæмæ гæсгæ.
Презентаций
проект.
Беседæ темæмæ
гæсгæ.
Интерактивон
фæйнæгбæл
видеоæрмæг,
уой фæсте
еумæйаг кусти
лухгонд бæзгин
гæгъæдитæй
æмбурд кæнунцæ
деденгутæ,
гагадиргътæ,
бæлæстæ.
Логикон гъазт
«Ци радзордзæнæ
мæнбæл?»
(компьютер),
бацеутæ,
æмдзæвгитæ.
Зонун афæдзи
афæнтти, мæйти,
къуæрети нæмттæ
дзорун.
1сах.
1сах.
1сах.
6.Афæдзи афæнттæ.
Фæндонмæ гæсгæ
исхузæ кæнун еу
афæдзи афонæ.
1сах.
IY.
Адæймаг йе
'гъдауæй
федауй
(3сах.)
1.Зонæ фиддæлти
'гъдæуттæ!
2.Сувæллæнттæ, нæ
Райгурæн бæстæн
аккаг уотæ!
Циуавæр ихæстæ
æнхæст кæнун
гъæуй сабийтæн
скъолай, хæдзари
гъæунги, уонæбæл
æрдзорун
(дæнцæгтæ
æрхæссун
цардæй).
Нæ национ зартæ
æма кæфтитæ.
Финсгутæ æма
поэтти уадзимистæ
темæмæ гæсгæ.
Равдист
«Гъæддзау»
2сах.
1сах.
Y.
Нуриккон
финсгутæ
сабийтæн
(5сах.)
1.Будайти Милуся
«Сауæдонæ»,
«Бабай аргъæуттæ».
2.Бабочити Руслани
исфæлдистадæ
«Мæ Чиколай ка
рамола, уæхæн
бæстæ аргъау æй!».
3.Колити Витали
«Зæрддагонтæ»
æма Хохойти Энвер
2сах.
«Сабийти бæстæ».
4.Сабайти Сулейман
«Цийнитæ».
5.Кæсæн журналтæ
«Ногдзау», «Ираф»,
«Мах дуг».
YI
Ирон – дигорон
литературон
æвзаги
бундорæвæргут
æ
(3сах.)
1.Хетæгкати Къоста
æма сувæллæнттæ.
3. Малити
Геуæрги
дигорон
литературон
æвзаги
бундорæвæрæг.
4. Хетæгкати
Сувæллæнтти
базонгæ кæнун
Къостай цард æма
исфæлдистади
хæццæ.
(Презентаци)
Исахур кæнун йе
мдзæвгитæ.
Исаразун
беседæ темæмæ
гæсгæ.
Исахур кæнун
æмдзæвгæ
«Федог», равгæ ку
уа, уæд æй зари
хузи исахур кæнун.
Бакæсун скъуддзаг
æмдзæвгæ
«Дзирасгæ», æ
медесбæл ин
æрдзорун.
Литературон –
музыкалон
равдист «Нæ
маддæлон æвзаги
1сах.
1сах.
1сах.
Къоста æма
Малити
Геуæргий
æмдзæвгити
конкурсон
кæститæ æма
равдиститæ.
бундорæвæргу-
тæ».
Райдайæн скъолай кæронмæ ахурдзаутæ гъæуама
зононцæ æма арæхсонцæ:
1. Адæмон дзоргæ исфæлдистади хузтæ кæрæдземæй æртасун
(аргъæуттæ, тауæрæхътæ, кадæнгитæ, æмбесæндтæ, бацеу бацеутæ,
зартæ, гъæзтитæ, тагъддзоруйнæгтæ).
2. Нарти кадæнгити сæйраг хъайтарти сæ хуæздæр менеугутæмæ гæсгæ
хецæн кæнун.
3. Адæмон гъæзтитæ ранимайун æма си куд гъазгæ й, уой равдесун.
4. Аргъæутти, тауæрæхъти гъуди цубурæй зонун дзорун.
5.Зонун, ци æй Райгурæн бæстæ, циуавæр фæууй (устур Уæрæсе;
минкъий Цæгат Иристон Алани; цæрæнбунат -Чикола).
6. Зонун: Цæгат Иристон - Аланий æвдесæндартæ (герб, гимн, туруса),
Иристони сæйраг горæт, иннæ горæтти æма устурдæр гъæути нæмттæ.
7. Иристони æрдзи туххæй хумæтæг зонундзийнæдтæ зонун (хуæнхтæ,
кæмттæ, цæугæдæнттæ, цæрæгойтæ, зайæгойтæ, бæлæстæ, гагадиргътæ).
8.Нæ фиддæлти æгъдæуттæ зонун æма сæ æнхæст кæнун .
9.Æмдзæвгитæ дигоронау, иронау зæрдивæрдæй раст дзорун (Хетæгкати
Къоста, Малити Геуæрги æма иннæ поэтти уадзимистæ).
10. Гъудитæ бæрæг темæбæл логикон æгъдауæй раст амайун.
11. Нæ Иристони номдзуд адæми нæмттæ зонун, се скъухтдзийнæдтæ син
радзорун.
12.Иристонæй Райгурæн бæстæ Фидибæсти Устур тугъди ка багъæуай
кодта, æ сæрбæлтау ка равардта æ цард, ка бавдиста бæгъатæрæй æхе,
уони нæмттæ зонун.
Литерæтурæ ахургæнæг æма скъоладзаутæн:
1 . Джиккати Шамиль «Нарты кадджытæ» - 1 5 т., Дзæуæгигъæу, 2004
2010 анз.
2. Уарзиати В. С. «Народные игры и развлечения осетин», Орджоникидзе,
1987 анз.
3. Айларти Измаил (хрестомати), Дзæуæгигъæу, 1990 анз.
4. Челехсати К. «Осетия и осетины», Владикавказ – Сант – Петербург,
1994анз.
5. Цаллати Х. «Традиции и обычаи осетин», Дзæуæгигъæу, 1996 анз.
6. Батыров «Дорогами славы», У. А. Батыров, Владикавказ «Ир», 1995г.
7. «История Чиколы» Н. Д. Малиев, А. Б. Тамаев, 1993г.
8. Бабочити Руслан «Чиколайаг изæртæ», Дзæуæгигъæу, «ИР», 2003 анз.
9. Будайти М. «Сауæдонæ», Дзæуæгигъæу, 2003 анз, «Бабай аргъæуттæ»,
Дзæуæгигъæу, 2010 анз.
10.Сабайти С. «Цийнитæ», Дзæуæгигъæу, 2004 анз.
11. Колити В. «Зæрддагонтæ», Дзæуæгигъæу, 2004 анз.
12. Хохойти Э. «Сабийти бæстæ», Дзæуæгигъæу, 2003 анз.
13. Газеттæ «Дигорæ», «Рæстдзинад» - и æма журналтæ «Ирæф», «Мах
дуг» - и номертæ.
14. Гастан Агнаев «Осетинские обычаи», Владикавказ, 1993г.