Конспект "Хъуыдыйад"

Урочы темæ: Хъуыдыйад.
Ныхасы темæ: Æмбисæндтæ.
Урочы нысан: - ахуырдзауты зонындзинæдтæ фæуæрæх кæнын хъуыдыйады тыххæй, хибарæй
куыстыл сæ фæцалх кæнын ;
- æрдзурын æмбисæндтыл, ныхасы рæзтыл бакусын;
- гуырын кæнын цымыдисдзинад адæмон сфæлдыстадмæ;
Цæстуынгæ æрмæг: фæйнæг, карточкæтæ текстимæ, фæлтæрæнтимæ.
Урочы цыд
1. Организацион хай: (хæдзармæ куыст нæй, уымæн æмæ фыстам хибарæй куыст).
2. Фыссын дзырдтæ, семæ сараз дзырдбæстытæ.
Æмбал, хистæр, кæстæр, сыхаг, куыст.(хорз æмбал, æцæг æмбал, кадджын хистæр, хорз
кæстæр, рæдау сыхаг, уæззау куыст, æнцон куыст)
Ныр та семæ æрхъуыды кæнæм хъуыдыйæдтæ. (хуыздæр хъуыд-тæ фыссынц)
а) Хорз æмбал зын сахат сбæрæг вæййы.
б) Хистæр –дзуры, кæстæр – хъусы.
в) Хорз сыхаг царды бæллиц у.
г) Æнæ куыстæй ницы ис.
3. Ног æрмæг
А. 1)Цы хъуыдыйæдтæ ныффыстам уыдон уæлдæр дзырдбæстытæй цæмæй хицæн кæнынц?
2)Цы у хъуыдыйад? (Æххæст хъуыды æвдисæг дзырд, кæнæ дзырдты къорд)
(Хъуыдыйады æвдыст æрцæуы æххæст хъуыды, дзырдбасты та æххæст хъуыды нæй)
Хатдзæг: Раст зæгъут. Хъуыдыйадтæ ма арæзт вæййынц иугай дзырдтæй дæр. Зæгъæм,
Уалдзæг. Æрбахъарм…
Б. Абон нæ ныхасы темæ баст у адæмон сфæлдыстадимæ.
1. Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут, цы адæмон сфæлдыстад, цæмæ йæ афтæ хонæм?
2. Цы хауы адæмон сфæлдыстадмæ? (таурæгътæ, аргъæуттæ,зарджытæ,æмбисæндтæ,уыци-
уыцитæ,нарты кадджытæ)
Цы сты æмбисæндтæ, уый та ныртæккæ бакæсдзыстæм.(кæсын карточкæйæ).
Æмбисæндтæ сты цыбыр уацмыстæ, сæ хъуыдымæ гæсгæ та сты арф æмæ
мидисджын. Равзæрдысты царды алыхуызон цаутæм гæсгæ. Æмбисæндтæ æвдисынц
адæмы цыргъзонддзинад, адæймагæн æмбарын кæнынц йæ аипп, йæ хъæнтæ, ахуыр
æй кæнынц хорз хъуыддæгтыл. Æмбисæндтæ сæ хъуыдымæ гæсгæ вæййынц
алыхуызон:
1) æмбисæндтæ Райгуырæн бæстæйыл, мадыл
2) куыстыл, фæллойыл
3) хорз æмæ æвзæр адæймæгты тыххæй
4) хистæр æмæ кæстæры тыххæй
5) æфсарм, уæздандзинад, æгъдауы тыххæй
6) æрдз, афæдзы афонтæ, зайæгойтæ æмæ цæрæгойты тыххæй.
Æмбисæндтæм хауынц фысджыты цыргъзонд ныхæстæ. Хетæгкаты Къостайы
уацмыстæн сæ фылдæр систы æмбисæндтæ:
…Алы куыстæн – рад,
Дзидзидайæн –мад,
Хорз фыййауæн – фос,
Бирæ фосæн – хос…
Бирæ æмбисæндтæ ис Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен æмæ иннæ фысджытæм дæр.
мидисджын - содержательный
цыргъзонддзинад - остроумие
аипп, хъæнтæ - порок, недостатки
æфсарм - совесть, честь
уæздандзинад - вежливость
æгъдау - обычай, порядок, дисциплина, закон
4. Фæйнæгыл куыст. (фыссын æмбисæндтæ,æмбарын сæ кæнын,хъуыдыйæдтæ æвзарын)
1) Фыдыбæстæ мадау зынаргъ у. (синоним –райгуырæн бæстæ, цæуыл ахуыр кæны?)
2) Мады рæвдыд хурæй хъармдæр у.
3) Кæстæрæн йæ хæс у хистæрмæ хъусын.
4) Адæймæджы ном кадджын у.
5) Зонды æвдисæн æвзаг у .
6) Лæгдзинад ныхæстæй кæнгæ нæу.
5. Кæсын текст карточкæтæй, æнæзонгæ дзырдтæ фыссын тетрæдты
1.«...Нарты хъœуы, Нарты Уырызмœджы хœдзары, Æхсœртœггаты зœронд хœдзары
цыдœртœ архайдта хœдзары 'фсин Нарты Сатана... чидœр œрбадзырдта кœрты дуарœй.
Дзурœгмœ рацыди Нарты Сатана.
- Уазœг, œгас нœм цу!
- Зœрдœрай фœу! Уœ лœгтœй ам ничи ис?
- Нœй, фœлœ лœгты хœдзар ам ис; хорз дœ фендзыстœм, кœд дœ фœнды -
фœздœгджын сихорœй, кœд дœ фœнды - œвœздœг сихорœй!»
Фарст.Куыд œмбарут Сатанайы ныхас: «Хорз дœ фендзыстœм, кœд дœ фœнды -
фœздœгджын сихорœй, кœд дœ фœнды - œвœздœг сихорœй!»
Дзуапп: Фœздœгджын сихор -фыцгœ хœринаг, œвœздœг сихор - хус хœринаг!»
Иудзырдœй, кœд дœ œвдœлы, уœд дын ацœттœ кœндзыстœм, œрœгмœ чи уа, ахœм
хœринаг, кœд дœ не вдœлы, уœд та, тагъд ацœттœгœнœн кœмœн ис, ахœм хœринаг.
2. Бускœ уœлбœхœй иу хœдзары дуар бахаста. Ракаст œм уайсадœг чындз, йœ лœджы
арœх œмбœхсын ахуыр чи уыд.
- Хœдзары хицау ам ис? – фœрсы Бускœ.
Чындз йœ сœр батылдта «Нœ», зœгъгœ. Уыцы рœстœг бœх дœр афтœ йœ сœр батылдта,
бындзытœ йœ хордтой.
Бускœ фœцœуœг ис, фœлœ уыцы рœстœг кœртœй райхъуыст хœдзары хицауы хуыфын.
- Дзœгъœлы нœ фœзœгъынц нœ фыдœлтœ «……..» - бахъуыр –хъуыр кодта Бускœ.
Цы фœзœгъынц нœ фыдœлтœ?
Дзуапп: «Сылгоймаг œмœ бœхыл макы баууœнд»
6. Фæлтæрæн. Кæронмæ ахæццæ кæнын æмбисæндтæ.(карточкæтæй)
1. Бинонтœ фœйнœрдœм куы хœцой, рох нæ кæны.
2. Иу мыдыбындз арс дæр тæрсы.
3. Иунæгæй куывды … хох дæр нæ лæууы.
4. Дыууæ æфсымæрæй … чыргъæд нæ дзаг кæны.
5. Иу лæгæй … уœд сыл цард дœр нœ хœцы.
6. Ус куы рхœссай, уœд бадын дæр зын у.
7. Сæдæ сомæй сæдæ æмбалы хуыздæр.
8. Æмвæнд адæмæн … æфсад нæй.
9. Хорздзинад … дœ мады рох ма кœ.
1. Без труда … имей 100 друзей
2. Готовь сани летом, а … не вынешь и рыбку из пруда
3. Старый друг - случится воды напиться
4. Труд человека кормит, а … телегу зимой
5. Не плюй в колодец, … тому надо мало спать
6. На смелого собака лает, а … лень портит
7. Кто хочет много знать, … лучше новых двух
8. Кто за родину горой, … вылетит – не поймаешь
9. Слово – не воробей, … трусливого кусает
10. Не имей 100 рублей, а … тот – истинный герой
(куыст сбæрæг кæнын дзургæйæ, сæ хъуыды сын равзарын)
7. Хатдзæгтæ: 1.Цæуыл дзырдтам абон? Цы базыдтам?
2.Цы у хъуыдыйад?
3.Цы сты æмбисæндтæ?
4.Чи цы нæ бамбæрста?
Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
8. Хæдзармæ куыст: фæйнæ 5 æмбисонды ныффыссын.
Уæлæмхасæн.
1) Ребустæ равзарын, базонын æмбисæндтæ.
1.Гæдыйы къах цыбыр у.
2.Халон халоны цæст нæ къахы.
3.Уасаг гæды мыст нæ ахсы.
2) Кæронбæттæн: Ахудæм – фылдæр фæцæрæм. Не ʹмбисæндтыл ахудæм.
1.Авд къамбецы, дам, иуæрдæм ахæцыдысты, иу ус та – иннæрдæм, æмæ, дам, сæ ус
аласта.
2.Дыууæ лæджы дæ сохъхъыр куы схоной, уæд дæ иу цæст бамбæрз.
3.Иу цъиу, дам, 7 æвзаджы зыдта, фæлæ йæ цъиусур (ястреб) куы асырдта, уæд дзы йæхи
æвзаг дæр ферох.
Гæдиаты Секъайы зондджын ныхæстæ.
4.Хуыздæр у дæ бæсты райгуырын,мæлын, мæлæт у искæмæн тæбæгътæ æхсын.
5.Æвзæр адæймаг æвзалыйы хуызæн у: судзгæ дæ куы нæ бакæна, уæддæр дæ ахоргæ
скæндзæн.
6.Топпы цæф тагъд дзæбæх кæны, æвзаджы цæф – æрæгмæ.
7.Де ʹвзæр митæй иу куы ныууадзай, уæд дзы дæс та сæфгæ фæкæндзæн.