Конспект "Гæдиаты Секъа - хæдахуыр фыссæг"

Темæ: Гæдиаты Секъа хæдахуыр фыссæг.
Нысан: - бафидар кæнын, Къостайы цардæй цы базыдтой, уый;
- Гæдиаты Секъайы цард æмæ сфæлдыстадмæ базонгæ кæнын, йе
сфæлдыстадмæ йын цымыдисдзинад сæвзæрын кæнын;
- ныхасы рæзтыл куыст.
Цæстуынгæ æрмæг: Секъайы портрет, йæ уацмысты æмбырдгонд,
иллюстрацитæ йæ радзырдтæм, тестытæ, карточкæтæ текстытимæ, фæйнæг,
мел.
Урочы цыд:
1. Организацион хай (салам раттын, сбадын кæнын, урокмæ æрцæттæ
кæнын)
2. Х/к сбæрæг кæнын (æмдзæвгæ дзурын, тесты фæрстытæн дзуапп дæттын)
Тесты фæрстытæ
1 Кæм райгуырди Къоста?
а) Нарты хъæуы
б) Нары хъæуы
в) Дзæуджыхъæуы
г) Мæскуыйы
2 Чи схаста Къостайы?
а) йæхи мад
б) йæ фыдыус
в) Чендзе
г) йæ фыд
3 Куыд арвыста Къоста йæ сабибонтæ?
а) хъæздыг, хъал цард кæнгæйæ
б) мæгуыр цард æвзаргæйæ
в) йæ бинонты æхсæн
4 Адæмы ныхæстæм гæсгæ кæй ныв скодта?
а) йæ мады
б) йæ мадымады
в) йæ фыдымады
г) сыхаг усы
5 Леуаны фæндыди, цæмæй Къоста чи суа?
а) офицер
б) фыссæг
в) дохтыр
г) уæйгæнæг
6 Цæмæ сидти фыссæг йе мдзæвгæты?
а) сæрибарыл тох кæнын
б) æххуырстæй цæрын
в) æлдариуæг кæнын
7 Къоста йæ уацмыстæ кæцы æвзагыл фыста?
а) ирон
б) уырыссаг
в) ирон æмæ уырыссаг
г) англисаг
8 Цы хуыйны Къостайы чиныг?
а) «Ирон фæндыр»
б) «Ирон зарæг»
в) «Ирон лæг»
г) «Ирон чиныг»
9 Кæм ныгæд ис Къоста?
а) Æрыдоны
б) Нары хъæуы
в) Дзæуджыхъæуы
г) Мæскуыйы
10 Цал азы сæххæст Къостайы райгуырдыл ацы аз?
а) 100
б) 143
в) 150
г) ?
3. Ног æрмæг
1 Фыссынц абоны нымæц (цыппурс цы у?), темæ, дзырдтæ абоны урокмæ
2 Дзырдуатон куыст
хæдахуыр самоучка
сауджын священник, поп
аргъуан церковь
фыдæбæттæ трудности
цау случай
уынаффæ совет
(фæйнæгыл Секъайы портрет, йæ бынмæ фыст ис йæ райгуырды æмæ йæ
амæлæты азтæ)
Абон базонгæ уыдзыстæм нæ зындгонд ирон фысджытæй иуимæ. Уый у
Гæдиаты Секъа. Секъа фыццаджыдæр у ирон зæхкусæг лæг, ирон уæздан
лæг. Диссаг рауад Секъайы цард. Секъа райгуырди 1855 азы Хъуды комы
Ганисы хъæуы. Уыди иунæг сывæллон йæ ныййарджытæн. Цардысты тынг
мæгуыр, уымæ гæсгæ Секъа ахуыр нæ кодта скъолайы. Секъа кодта хæдзары
куыстытæ. 18 азы йыл куы цыди, уæд æй сауджын сахуыр кодта кæсын æмæ
фыссын гуырдзиаг æвзагыл. Куыста диакъонæй. 1882 азы хуыздæр цард
агурæг ралыгъд Цæгат Ирыстонмæ. Æрцард Дарг-Къохы, Джызæлы. Куыста
ам дæр диакъонæй. Тынг уарзта зæххы куыст. 1910 азмæ фæкуыста
диакъонæй, стæй йæ куыст ныууагъта, æрцард Дзæуджыхъæуы.
1915 азы сæрды йе ʹмбалимæ бæхуæрдонæй фæцæйцыдысты Ганисмæ.
Горæтæй рацæуæны хиды раз бæх машинæйæ фæтарст æмæ иуварс йæхи
фехста. Дыууæ лæджы уæрдонæй рахаудысты. Йе ʹмбал йæхи рог цæфтæ
ныккодта, Секъа та æрхауд дуртыл æмæ йæ сæр ныццавта. Секъа уымæй
амард. Баныгæдтой йæ ирон аргъуаны кæрты.
Секъайæн уыди 7 сывæллоны. Æнцон йын кæм уыдаид уыдоны фæдарын,
фæлæ уæддæр се ʹппæты дæр радта ахуырмæ, йæхицæн уыцы фадат нæ уыди.
3 Бакæсдзыстæм Секъайы чызджы мысинæгтæй скъуыддзаг.
Верæйы мысинæгтæ.
Мæ фыд Секъайæн уыди 7 сывæллоны – 6 лæппуйы ( Захар, Цомахъ,
Алыксандр, Никъала, Петр, Афан) æмæ иу чызг, æз, Верæ. Æз уыдтæн се
ʹппæты кæстæр. Уал бинойнаджы æнцон дарæн кæм уыдысты; хæринаг
сын хъуыд, уæлæдарæс, къахыдзаума. Уæддæр нæ фыд архайдта, цæмæй
не ʹппæт дæр ахуыр кæнæм.
Æз ахуыр кæнон, уый мæ мады тынг нæ фæндыди, чызг, дам, хæдзары
куыстыты фагæй фылдæр нæу. Фæлæ йын мæ фыд афтæ зæгъы: « Нæ, дæ
фæндон нæ уыдзæн, æнæ ахуырæй кæдæм хъæуы, фос дын хиздзæн?»
Бирæ фыдæбæттæ æвзæрстой мæ мад æмæ мæ фыд. Ганисæй куы
ралыгъдыстæм, уæд Дарг-Къохы æрцардыстæм. Секъайыл голлагæй дарæс
уыди. Иу дуканигæсы кæсын æмæ фыссын сахуыр кодта, æмæ йын уый
хъуымац радта. Уæд ын мæ мад хæдон æмæ хæлаф бахуыдта.
Фыссынæн Секъайæн уæгъд рæстæг нæ уыди. Мæ зæрдыл ма лæууы
иу ахæм цау. Мæ фыд зæхх аренды иста. Бакуыста-иу æй æмæ йыл
æрзайын кодта алы халсар, нартхор, картоф. Иу хатт ме ʹфсымæр
Петкæимæ хуым кодтой. Секъа бæхы фæурæдта, йæ дзыппæй гæххæтт
æмæ кърандас фелвæста æмæ цыдæртæ фыссын райдыдта.
Нæ сыхæгтæ-иу арæх æрбацыдысты мæ фыдмæ уынаффæмæ, стæй сын
цæмæй исты гæххæтт афыстаид, уый тыххæй. Æнæ дзуаппæй никуы
никæй аздæхта.
4 Фæрстытæн дзуапп дæттын.
1) Цал сывæллоны уыди Секъайæн?
2) Верæ ахуыр кæна, уый йæ мады цæуыннæ фæндыд?
3) Хъæздыг цардысты Гæдиаты бинонтæ?
Цæмæй бæрæг у мæгуыр цардысты, уый?
4) Цавæр цау лæууы Верæйы зæрдыл?
5) Сыхæгтимæ Секъайæн цавæр ахæстытæ уыди?
5 Секъа уыди зондджын, кадджын, нымад лæг, алчи йæм зондагур цыди.
Ныффыссæм ма йын йæ зондджын хъуыдытæ.
1) Хуыздæр у дæ бæсты райгуырын, мæлын, мæлæт у искæмæн тæбæгътæ
æхсын.
2) Дæхæдæг кæй нæ бакусай, уый хæрын æфсæрмы кæн.
3) Дзæгъæлдзырдæй дæхи хиз…
4) Дæ хистæры коммæ кæс,
Йæ дзырдтæ дæ зæрдæмæ хæсс!
5) Æвзæр адæймаг æвзалыйы хуызæн у: судзгæ дæ куы нæ бакæна, уæддæр
дæ ахоргæ скæндзæн.
6) Топпы цæф тагъд дзæбæх кæны, æвзаджы цæф – æрæгмæ.
7) Де взæр митæй иу куы ныууадзай, уæд дзы дæс та сæфгæ фæкæндзæн.
4. Æрмæг бæфидар кæнын
с
е
к
ъ
а
1) Кæм райгуырд Секъа?
2) Секъайы чызджы ном.
3) Зæххы куыст чи кæны, уый куыд хонынц?
4) Университеты 1-аг ректор.
5) Чи сахуыр кодта Секъайы кæсын æмæ фыссын?
5. Х/к. Секъайы царды хабæрттæ дзурын