Конспект урока "Кæсæбиты мыггаджы истори"

1
Кæсæбиты мыггаджы истори
Фарн уæм бадзурæд , Кæсæбиты мыггаг!
Уæ къухмæ цы статья райстат, уый уæ базонгæ кæндзæн нæ мыггаджы равзæрдимæ, сæрыстыр кæмæй уыдыстæм æмæ
стæм, уыцы фæрнджын хистæртимæ, нæ кадджын æмæ намысджын æмдугонтимæ.
Мыггаг лæгæй фидауы. Бирæ дзырддзæугæ лæгтæ уыд æмæ ис Кæсæбитæм.
Майсей, Геор, Елбыздыхъо, Созырыхъо, Михайло, Микъа, Пули,Сабан, Дзадте, Анду, Иван, Созырыхъо, Тепсарыхъо,
Айдарыхъо, Бицка, Габо, Гого, Гицо, Цæлыкк, Цæрай, Елмырзæ, Хъанцау, Мухар, Солтан,Юрик, Сергей.
Абон куыд не ‛рмысæм Кæсæбиты Митяйы ном дᴂр. Митяйæн зындгонд сты йæ кад æмæ йæ намыс. Ирыстоны,
æвæццæгæн Митяйы чи нæ хъуыды кæны, ахæм адæймаг нæй.
Ирон æгъдау æмæ зарæгæй кæд искæй зæрдæ хъæздыг æмæ рæсугъд уыд, кæд йæ адæмæн тохы быдыры дæр æмæ
сабыр царды дæр исчи хорз кæстæриуæг бакодта, уæд уый уыд нæ Иры зарæггæнæг Кæсæбиты Митя.
Бокоты Солтан фыста:
Ис хорз лæгтæ нæ хъæуты ,‛мæ нæ кæмтты,
Цæрæнт дзæбæхæй, кадджынæй фæрнæй,
Ирыстонæн зындгонд ‛ысты сæ нæмттæ.
2
Уæддæр дзы ‛мбал Хуымæллæггагæн нæй !
Куырыхон лæг Кæсæбиты мыггагæй,
Ныллæг дæ разы къул кæнын мæ сæр!
Дæ хорзы кой нæ Иры хъуысы рагæй.
Хъыгагæн, абон Митя не ‛хсæн нал ис. Цы бæсты и уым дзæнæты бадæд.
Нæ мыггаджы хистæртæ бæрæг дардтой се ‛гъдау æмæ уæздандзинадæй. Сæ ныхасæн кæддæриддæр уыдысты хицау,
растæй никуы никæй бафхæрдтой, дзырдтой рæстдзинады фарс.
Уæдæ куыд равзæрд Кæсæбиты мыггаг?
Уæлладжыры комы, Уæллаг Уыналы цардысты дыууæ æфсымæры-Æнтут æмæ Мысыкк. Уæды заман хæхбæсты зæххытæ
уыдысты кадавар, æмæ Æнтут алыгъд Дагоммæ.
Æнтут Дагомы æххуырсты бацыд Хнеуы фыртмæ. Хнеуы- фырт æмæ Æнтутæн сæ бадзырд уыд афтæ: Æнтут хъуамæ
Хнеуы-фыртмæ фыййау фæцыдайыд фондз азы бæрц,уыйфæстæ Хнеуы-фырт йæ чызджы радтаид Æнтутæн. Æмгъуыд хæстæгæй-
хæстæгдæр куы кодта, уæд Æнтут катайы бацыд, уæдæ мæ бинонтимæ кæм цæрдзынæн, зæгъгæ.
Иу рæстæджы Æнтут йæ фос сыскъæрдта, «Сауысæр» цы бынат хонынц, уырдæм. Кæсы, æмæ ауыдта стыр бæрзонд дур.
Дуры бын разынд стыр лæгæт. Таурæгъ куыд амоны афтæмæй Æнтуты йæхицæн æхсыр æрдыгъта стыр къусы дзаг, йе ‛мбис ын
бацымдта æмæ йæ нымæтыл бафынæй. Иу рæстæджы æрыхъал, æмæ диссаг: къус та ногæй æхсырæй йæ былтæй кæлы-бацахсти.
Æнтут ныддис кодта: « Ай къус æмбисæй куы ныууагътон æмæ та куы байдзаг. Стæй ма æхсыр ахсгæ дæр куы бакодта… Стæй
цымæ сойджын хæринаг бахордтон, уый хуызæн æфсæст дæн ! Ам бæркадджын бынат кæй у, уый бæрæг у, - ахъуыды кодта Æнтут».
Йæ рæстæг куы æрцыд Æнтутæн, уæд загъта фысымæн: « Дæ чызджы мын ратт». Хнеуы-фырт сразы.
3
Уыйадыл Æнтут Хнеуы-фырты чызгимæ æрцард уыцы ран, дуры бын лæгæты. Скодтой дзы хæдзар. Уый фæстæ схъæу ис,
æмæ йыл сывæрдтой Цъамад.
Æнтут æмæ Хнеонæй райгуырдис фондз фырты: Уырым, Кæсæби, Созæ, Пагæ, Тотыкк. Уыдонæй рацыдысты мыггæгтæ
Пагæтæ, Уырымтæ, Кæсæбитæ, Созæтæ, Тотыккатæ.
Цæгат Ирыстоны чысыл адæм цæры, фыдæлтæй нырмæ дæр хæстæгдзинадæй баст сты йæ бындурон цæрджытæ. Æрмæст
иу нæ, фæлæ къорд мыггаджы дæр махимæ æрвадиуæг кæнынц, зонынц сæ бындурон бастдзинæдтæ æмæ сæ нæ рох кæнынц.
Махмæ хæстæгдзинад судзины фындзæй куыд агурынц, афтæ иннæ адæмы хæттытæм нæй. Нæ психологи ма афтæ у, æмæ
хæстæгдзинад авд фæлтæры онг нæ рох кæнæм.
Мах нæ сæр бæрзæндты хæссæм нæ абоны фæлтæртæй дæр. Æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад. Хуыцау
сын ахæм арфæ ракæнæд, сæ алкæцы дæр дзы амондджын фæндæгтыл куыд ацæуа , ирон лæджы кад бæрзæндты намысыл куыд
бафтауа. Ирыстоны хуыздæртимæ æмкъахцæф куыд кæна. Хорздзинад кæныныл макуы бацауæрдут, æмæ уæд уæхæдæг дæр
уыдзыстут хайджын хуыцауы хорздзинæдтæй.
- Лæгты дзуар уæ йæ рахиз базыры бын бакæнæд!