Конспект урока "Фынджы уæлхъус хидарыны æгъдæуттæ"

Муниципальное бюджетное дошкольное образовательное учреждение
«Детский сад № 12» с.Ногир
Темæ: «Фынджы уæлхъус хидарыны æгъдæуттæ.
2018 г.
Воспитатель: Кудзиева Р.А.
2
Темæ: «Фынджы уæлхъус хидарыны æгъдæуттæ.
Нысантæ:
Сабиты ахуыр кæнын, фынгыл бадгæйæ хи куыд дарын хъæуы,
ууыл.
Архайын рæдыдæн раст аргъ скæнын сюжетон нывы мидисмæ
гæсгæ. Хъомыл кæнын сабиты, хорз хъуыддæгтæй дæнцæгтæ
æрхæсгæйæ.
Архайын цыбыр хуымæтæг хъуыдыйæдтæ аразын, бæрæг дзырдæй
спайда кæнгæйæ.
Æгъдау æмæ уæздандзинад парахат кæнын.
Архайæн фæрæзтæ:
10 фишкæйы къоппы: цалдæр нывтимæ, иннæтæ – сыгъдæг.
4 хъазæн чындзы; фынг хæринæгтимæ; сюжетон нывтæ хидарыны
æгъдæутты тематикæйæ; хъазæн чындз «Мæдинæйы» хъæлæс магнитон
лентæйыл фыст, чызг йæхицæй æппæлы.
Ахуыры нывæст
Хъомылгæнæг æмæ сабитæ уаты дуары цур лæууынц.
Хъомылгæнæджы къухы хъазæн чындз. Хъазæн чындзæй хъомылгæнæг
сабиты расхой-басхой кæны.
Хъ.
Сабитæ, дуар байгом кæныны размæ уæ зæрдыл æрлæууын кæнут
хидарыны æгъдæуттæ. Чи растдæр æмæ æххæстдæрæй радзура, театрмæ
цæугæйæ цавæр æгъдæуттыл дзырдтам, уыдон, уый уаты дуар гом
кæндзæн фыццаг.
Сабитæ иугай архайынц хидарыны æгъдæутты тыххæй радзурын. Чи
куыд дзуры, афтæ дуар гом кæны æмæ уатмæ хизы.
(Хистæрæн бынат ратт; хъæрæй ма дзур: чызджы ба-
уадз дæ разæй: чызгæн фæндаг ратт æ. а. д.)
Хъ.
Хорз бахъуыды кодтат фæндагыл хидарыны æгъдæуттæ дæр. Мæнмæ
гæсгæ, Мæдинæ æппындæр æгъдауæн ницы æмбары.
3
Кæм фæрæдыди Мæдинæ?
Байхъусын сабиты фиппаинæгтæм, стæй хатдзæгтæ скæнын.
Д⁄хъазт «Раст у æви нæ?»
Хъомылгæнæг æмæ сабитæ зылды бандæттыл æрбадынц.
Хъомылгæнæг баиу кодта магнитофон æмæ домы, цæмæй сабитæ
лæмбынæг байхъусой нæ уазæг «Мæдинæмæ».
Чызг дзуры:
«Уый æз дæн. Хъуыды ма мæ кæнут? Сымах мæн барæвдыдтат,
рæсугъд къаба мыл скодтат, мæ сæрыхъуынтæ мын ныффастат. Æз
уыдтæн театры, мæ разæй чи бадт, уыцы лæппуйæн йæ къафетт
аскъæфтон, фæлмæн бандоныл фæхъеллау кодтон. Спектаклы фæстæ
трамваймæ æппæты разæй багæпп кодтон, зæронд нанайы мæ фæстæ
фæуагътон, нана алæудзæн, уый бирæ фæбадт. Рудзынгæй кæсæг мæхи
скодтон æмæ билет дæр нæ балхæдтон. Ныр сымахмæ æрбахæццæ дæн.
Уатмæ мæ уæ разæй кæй нæ бауагътат, уый тыххæй уыл мæ мады
сардауон.
Хъ.
Куыд уæм кæсы, сабитæ, ацы чызг раст у æви нæу? Æмæ уæм цæмæн
афтæ кæсы? (Байхъусын сабиты хатдзæгтæм.)
Хъ.
Лæмбынæг хъуыстат, сабитæ, æмæ раст дзырдтат Мæдинæйы
æнæгъдау миты тыххæй. Цавæр æнæгъдау ми бакодта, кæм фæрæдыди
чызг? Иу хатт ма радзурут, хи куыд дарын хъæуы театры, уынджы,
уазæгуаты?
Сюжетон нывтæм гæсгæ радзур.
Хъ. (хъазæн чындзмæ дзурæгау). Мæдинæ лæмбынæг æркæс махимæ
мæнæ ацы нывтæм, байхъус сабитæм, цæмæй алкæм дæр дæхи дарын
зонай фынгыл бадгæйæ.
(Сабитæ иугай дзурынц, нывты цы архайд цæуы, уыдоны тыххæй,
хъомылгæнæг та сын сæ дзуаппытæ æххæст кæны, кæм хъæуа, уым.)
Д⁄хъазт «Фынгыл хидарыны æгъдау».
Хъомылгæнæг сабиты æргом здахы, хъазæн чындзыты къуымы цы
фынг лæууы, уымæ.
Сабитæ, цы ис фынгыл?
(Фынгыл ис алыхуызон хæринæгтæ: къафеттæ, чашкæты цай,
печенитæ; фæткъуытæ).
Сбадын кæнут нæ хъазæн чындзыты фынгмæ хæстæгдæр сæ
бандæттыл. «Мæдинæйы» дæр ма ферох кæнут.
4
Хъомылгæнæг тагъд-тагъд, сабиты къуырдтытæ кæнгæйæ, хъазæн
чындз «Мæдинæйы» абадын кодта бандоныл. Февнæлдта къаффеттæм
æмæ сæ йæ дзыппы æвæры, фæткъуы – иннæ дзыппы. Цайцымæнмæ къух
бадаргъ кодта æмæ цай акалдта.
Хъ.
Сабитæ, куыд уæм кæсы, раст у «Мæдинæ»? Чи радзурдзæн, фынгыл
бадгæйæ хи куыд дарын хъæуы?
Байхъусын сабитæм, стæй хъомылгæнæг хатдзæг скæны.
Хъ.
Раст стут, сабитæ. Фынгыл хæринаг æвæрд æрцыд, уæд хъуамæ,
кæрæдзийæн «табуафси» зæгъгæйæ, иугай сбадат. Фынгыл бадгæйæ хи
уæздан дарын хъæуы. Къафетт уа, печени уа, райсын хъæуы иугай.
Хæрды фæстæ та зæгъын хъæуы «бузныг».
Хъ.
Уæхи цардæй-ма мын, сабитæ, дæнцæгтæ æрхæссут. Уе ’хсæн
«Мæдинæйы» хуызæттæ ис æви нæй?
Иу хатт-ма мын радзурут, хи куыд дарын хъæуы фынгыл бадгæйæ.
Байхъусын 3–4 сабимæ. (Кæрæдзийæн зæгъын «табуафси»; хæлоф ма
кæн; хæргæ-хæрын дзургæ ма кæн; дæ къух куы не ххæсса, уæд дæ
фарсмæ бадæгæй ракур: «табуафси, ратт мын фæткъуы», «бузныг»
зæгъын.)
Хъ.
Тынг хорз, сабитæ, ныр сымах зонут, фынгыл хи куыд дарын хъæуы,
уый. Иннæ хатт та цæудзыстæм нана æмæ бабамæ уазæгуаты. Ирон
фынгыл цавæр хæринæгтæ хордтой, уый базондзыстæм.
Дзургæ хъазт.
Хъ.
Мæнæ къоппы ис фишкæтæ. Нывмæ гæсгæ фишкæ чи сиса, уый
дзуры, хи куыд фæдары фынгыл бадгæйæ, æрмæст хъуыдыйады зæгъын
хъæуы дзырд: табуафси; бузныг; хæлар.
Байхъусын 3–4 сабимæ, кæд ма рæстæг уа, уæд иннæтæн
дæр ныхасы бар раттын.
Хъ.
5
Абон ма иу хатт нæ зæрдыл æрлæууын кодтам адæмы астæу
хидарыны æгъдæуттæ. Цыбырæй базонгæ стæм, фынгыл бадгæйæ хи
куыд дарын хъæуы. Нæ иннæ фембæлды лæмбынæгдæр æрныхас
кæндзыстæм фынгыл хидарыны æгъдæуттæ æмæ ирон хæринæгты
тыххæй. Хæрзбон. Нæ иннæ фембæлдмæ.